- Sirilik Ossetia
- Уарзон Ирыстон! Дæ номы кадæн
- Лæууæм цырагъау мах уырдыг,
- Ды дæ нæ уарзты æнусон авдæн,
- Ды – нæ цин æмæ хъыг!
- Фæхæрæм мах дæ зæххæй ард,
- Дæ ном дын исæм бæрзонд,
- Удуæлдай дын кæнæм лæггад,
- Дæуæн у нæ цард нывонд!
- Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ –
- Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт!
- Уæззау уыд дæ ивгъуыд, Иры бæстæ,
- Зылди дæ фæдыл сау фыдох,
- Фæлæ-иу уæддæр дæ фарны рæстæй
- Кодтой дæ зынтæ рох.
- Царды рухсмæ æдзух цыдтæ,
- Фыдбонты нæ саст дæ ныфс,
- Сæрбæрзонд алкæддæр уыдтæ,
- Æргомæй размæ цæуыс!
- Уæ, Уастырджи! Дæ хорзæх, Дæ арфæ –
- Иры дзыллæйæн фæндагамонд ратт!
- Фыдæлты æрдхæрæн, Иры Уæзæг!
- Зæрдæйы тæгтæй дæ нывæзт,
- Ацы дунейы нын масты уæзæй
- Ма у дих æмæ уæрст.
- Дугæй дугмæ нæрæд дæ ном,
- Бæрзонддæр кæнæд дæ кад,
- Дæ ныфсæй мах цæрæм æнгом,
- Дæ фæрцы рухс у нæ цард!
- Уæ, Бæсты Фарн! Дæ хорзæх, Дæ арфæ –
- Нæ уарзон Ирæн Ды-иу амонд ратт!
- Ном æмæ йын кад!
|
|
- Alihaksara Latin
- Uarzon Iryston! Dæ nomy kadæn
- Læuuæm cyrahau max uyrdyg,
- Dy dæ næ uarzty ænuson avdæn,
- Dy – næ cin æmæ qyg!
- Fæxæræm max dæ zæxxæj ard,
- Dæ nom dyn isæm bærzond,
- Uduældaj dyn kænæm læggad,
- Dæuæn u næ card nyvond!
- Uæ, Styr Xuycau! Dæ xorzæx, Dæ arfæ –
- Iry Uæzægæn Dy cardamond ratt!
- Uæzzau uyd dæ ivhuyd, Iry bæstæ, –
- Zyldi dæ fædyl sau fydox,
- Fælæ-iu uæddær dæ farny ræstæj
- Kodtoj dæ zyndtæ rox.
- Cardy ruxsmæ ædzux cydtæ,
- Fydbonty næ sast dæ nyfs,
- Særbærzond alkæddær uydtæ,
- Ærgomæj razmæ cæuys!
- Uæ, Uastyrdži! Dæ xorzæx, Dæ arfæ –
- Iry dzyllæjæn fændagamond ratt!
- Fydælty ærdxæræn, Iry Uæzæg!
- Zærdæjy tægtæj dæ nyvæzt,
- Acy dunejy nyn masty uæzæj
- Ma u dix æmæ uærst.
- Dugæj dugmæ næræd dæ nom,
- Bærzonddær kænæd dæ kad,
- Dæ nyfsæj max cæræm ængom,
- Dæ færcy ruxs u næ card!
- Wæ, Bæsty Farn! Dæ xorzæx, Dæ arfæ –
- Næ uarzon Iræn Dy iu amond ratt!
- Nom æmæ jyn kad!
|
|